Абон нæ телеканалы эфиры Сергей Меняйлойæн уыдзæн “комкоммæ бастдзинады лини“ Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Республикæйы сæргълæууæг дзуæппытæ ратдзæн æппæты ахсджиагдæр æмæ тыхсаг фæрстытæн. Ацы цаумæ егъау командæ рагæй цæттæ кодта. Колл-центр ныридæгæн кусы цалдæр боны. Республикæйы цæрджытæй æрбацыд 300 фарсты. Баст сты социалон æххуысы, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн фæкæсыны хъуыддæгтимæ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазы æмæ цæрджыты хостæй ифтонгадимæ. Иннæ хæттыты куыд уыд, афтæ та ныр дæр адæмæн ис регионы разамонæгмæ сæ фарстытæ рагагъоммæ бадæттыны фадат. Уыцы хъуыддаг бакæнæн ис цалдæр хуызы: 9 сахатæй 18 сахаты онг ахæм телефонæй бадзургæйæ: 33-30-50. Паддзахадон лæггæдты сайты “дыууæрдæм бастдзинады платформæйы“ фæрцы фарст бадæтгæйæ, социалон хызæг “ВКонтакте“-йы республикæйы сæргълæууæджы аккаунты фиппаинаг ныффысгæйæ, “Teлеграм“-ы хызæджы Регионæн разамынды центры чат-ботмæ ныффысгæйæ.
Hide player controls
Hide resume playing