Myvideo

Guest

Login

Терроризмы ныхм егъау ахуырт ацыдысты Гортгрон районы

Uploaded By: Myvideo
7 views
0
0 votes
0

Терроризмы ныхмæ егъау ахуыртæ ацыдысты Горæтгæрон районы. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæ хъæд сгарыны рæстæг сæмбæлдысты фыдгæнджыты къордыл. Фондз адæймаджы райдыдтой ныхмæ лæууын, дарддæр та бафæлвæрдтой сыхаг республикæмæ ацæуын. Ведомствæйы тыхы структурæты раст архайды фæрцы фыдгæнджыты æрцахстой. Терраристон акт бауромыны фæдыл сæрмагонд хæстæ абон æххæстгонд æрцыдысты Кировы районы дæр. Уый уыд ведомтсвæты ’хсæн ахуырты дыккаг æмæ кæронбæттæн бон. Æдасдзинады федералон службæ, мидхъуыддæгты министрад, æнæнхъæлæджы уавæрты министрад æмæ Уæрæсейы гварди, Слестгæнæн комитеты тыхтæ ахæм хуызы æрæмбырд вæййынц афæдз иу хатт. Абон ахсджиаг у архайд хуыздæр кæнын, фæнысан кодтой архайджытæ.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later