Абон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрныхас кодтой сывæллæттæм фæкæсыны хъуыддаджы хæрзхъæддзинады фарстатæм. Наукон-практикон конференци арæзт æрцыд ЮНЕСКО-йы залы. Архайдтой дзы республикæйы профессортæ æмæ доценттæ, стæй ведомствоты 'хсæн организациты ахуыргæнджытæ, ахуырад æмæ наукæйы æмæ социалон райрæзты министрадты минæвæрттæ. Ахсджиаг ныхасы сæйраг хæс - се 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сабитæм хъомыладон æркасты лыстæгдзинæтæ фæнысан кæнын, паддзахадон æххуысы гæнæнтæ равзарын, парахат кæнын хуыздæр куысты дæнцæгтæ скъолайы агъоммæ кусæндæтты.
Hide player controls
Hide resume playing