Æмæ, æцæгæй дæр, ацы цаумæ æрмæст скъоладзаутæ нæ æнхъæлмæ кастысты, фæлæ ныййарджытæ дæр. Скъола алы сывæллонæн дæр у ахсджиаг къæпхæн. Асаты Миланæ ацы цаумæ йæхи цæттæ кодта æнæхъæн афæдз. Нырыккон, парахат æмæ æнцонвадат кабинеттæ рауадысты зæрдæмæдзæугæ. Ног скъола ифтонггонд у æппæт ы хуыздæр кусæнгæрзтæй. Спортæй архайынмæ дзы ис дыууæ спортзалы, футболон фæзимæ стадион, воркаут æмæ баскетболон фæз. Интеллектуалон гæнæнтæ парахат кæнынæн та - шахматтæй хъазынæн агъуыст, робототехникæйы кабинет æмæ хъæздыг фондимæ чиныгдон. Ахуыргæнæндоны территорийы ис гом спортивон фæзуат нырыккон тренажертæ æмæ стадион трибунæтимæ. Бынат дзы ис 120 адæймагæн. Райстой кусджыты дæр. Ног ахуыры азы фæдыл ахуырдзаутæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн раарфæ кодтой регионы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмæ администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Фыццагкъласонтæн балæвар кодтой канцелярон æмбырдгондтæ республикæйы сæргълæууæджы номæй. Ног скъола йæ дуæрттæ байгом кодта 650 сывæллонæн. Уыдон сты фыццæгæмæй æстæм къласы онг ахуыргæнинæгтæ. ахуыргæнæндон у иунæг ацы микрорайоны. Кæд раздæр сывæллæтты хъуыд æндæр районтæм цæуын, уæд ныр фарста лыггонд æрцыд. Дзырдæн, йæ фарсмæ ма аразанц ноджы иу скъола. Уазджытæн æмæ ахуырдзаутæн сарæзтой экскурси, аргъ скодтой æппæт уавæртæ æмæ дзауматæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, скъола арæзт æрцыд, национ проект “Ахуырад“-ы фæлгæты.
Hide player controls
Hide resume playing