Myvideo

Guest

Login

Бинонты цыд райдыдта Церетелийы уынгыл сыгъдг Владимиры аргъуанй

Uploaded By: Myvideo
12 views
0
0 votes
0

Бинонты цыд райдыдта Церетелийы уынгыл сыгъдæг Владимиры аргъуанæй. Аргъуыды фæстæ адæм араст сты сæйраг паркмæ. Оркестры зæлтæ æмæ мидбылхудтимæ чырыстæттæ кæрæдзийæн арфæ кæнынц. Адæмæн сæ къухты плакаттæ æмæ ирон тырысатæ. Наниты Стас æбацыд йæ бинонтимæ. Боныхъæд — хорз. Адæмæн лæвæрдтой сæлдæджытæ. Мадзалы æхсызгонæй архайдтой Аминæ, Арсæмæг æмæ чысыл Аннæ. Æрбацыдысты сæ ныййарджытимæ. Афтæ æхсызгонæй æмæ хъæлдзæгæй бæрæгбоныл сæмбæлдысты Цæгат Ирыстоны бинонтæ. Центрон парчы бирæсывæллонджын бинонтæн балæвар кодтой сертификаттæ егъау дуканитæм, уыимæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Сценæйыл сæ курдиат не ’вгъау кодтой республикæйы сфæлдыстадон къордæ, зарыдысты æмæ кафыдысты. Сæйраг нысан у бинонты традицион хæзнатæ хъахъхъæнын, — фæнысан кодта, Дзæуджыхъæуыккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим. Ахсджиаг бон сбæрæг кодтой бæрзонд æмвæзадыл. Кадджын цыды архайдта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. Фæнысан кодта, цас фылдæр нæм амондджындæр бинонтæ уа, уыййас тыхджындæр уыдзæн нæ бæстæ. Мадзал бацæттæ кодтой фæллой æмæ социалон райрæзты министрад, уыимæ адæмон фронт. Бæрæгбоны парад сси æрвылазон, афæдзæй-афæдзмæ йæ архайджытæ кæнынц фылдæр. Сабиты гыццылæй фæстæмæ ахуыр кæнынц, царды бинонтæй сæйрагдæр кæй ницы ис, ууыл.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later