Абон чырыстон диныл хæст адæм æрæмысыдысты Уæрæсейы паддзах Николай 2-джы æмæ йæ бинонты нæмттæ. Уый фæдыл æппæт Уæрæсейы арæзт æрцыд Дзуæртты нывтимæ цыд. Афтæ – Цæгат Ирыстоны дæр. Архайдтой дзы 500 адæймагæй фылдæр. Николай 2-джы æмæ йын йæ бинонты куы амардтой, ууыл рацыд 100 азы. Уырнæг адæм дзуæртты нывтимæ цыдысты Мады Майрæмы райгуырды аргъуанæй – Сыгъдæг Георгийы аргъуаны онг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Уырыссаг Чырыстон аргъуан паддзахы бинонты 2000 азы бахаста хъизæмаргæнджыты номхыгъдмæ.
Hide player controls
Hide resume playing