Æртæ цæгатирыстойнаг скъоладзауы систы Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæны призертæ. 5-æм гимназы ахуыргæнинæгтæ Илаты Артур æмæ Гæбуты Аидæйы, стæй 3-æм скъолайы рауагъдон Сергей Бельскийы кадджын уавæры схорзæхджын кодта администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Радта сын кады дипломтæ æмæ æхцайы премитæ. Скъолаты директортæ æмæ ныййарджытимæ æрдзырдта уæлахиздзауты дарддæры нысæнттыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæ арæзт цæуы афæдзы дæргъы æмæ дзы ис 4 къæпхæны: скъолайы, муниципалон, регионалон æмæ кæронбæттæн. Интеллектуалон ерысты призертæ цы профилы архайдтой, уымæ гæсгæ сæ паддзахадон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æнæ конкурсæй райсдзысты.
Hide player controls
Hide resume playing