Myvideo

Guest

Login

Абон Ирыстоны брг кнынц Рекомы бргбон

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Абон Ирыстоны бæрæг кæнынц Рекомы бæрæгбон. Рекомы рухс бæрæгбоны Ирыстоны адæм уæлдай цин кæнынц. Кæрæдзийы фенын, кæрæдзийæ лымæнтæ æмæ хæлæрттæ зæгъын, хорз зæрдæ дарыны нысан ис йæ бонтæн. Дзаг фынгтæ – фысымты æмæ æфсинты бæркады нысан. Цы дзы не `мбæлы, уый дзы нæ уыд. Сыгъдæг хъуамæ уой дæ хъуыдытæ æмæ дæ уд. Бирæтæ-иу уый тыххæй бæрæгбоны номыл рагацау дардтой ком. Æхсызгон у, æмæ бæрæгбонмæ уæлдай тынгдæр азæй-азмæ се `ргом æрыгон фæлтæр кæй здахынц. Зонынц æмæ æмбарынц, канд фынгтыл æрбадыны къуыри кæй нæу. Бацайдагъ сын вæййынц алы ерыстæ кафынæй, зарынæй, фатæй æхсынæй, рагон ирон хъæзтытæй. Афтæмæй æрыгон фæлтæр æмхиц кæны фыдæлтыккон цардыуагмæ, йæхи фæдзæхсы дзуары тыхыл. Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм æргомæй чи кувы, уыцы адæймагæн та уый у йæ царды хуыздæр хорзæхтæй иу. Подписывайтесь на irystonTV Source: IrystonTV

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later