Myvideo

Guest

Login

Мамысоны курорты куыстыт дарддр цуынц

Uploaded By: Myvideo
2 views
0
0 votes
0

Мамысоны курорты куыстытæ дарддæр цæуынц. Хохы къахдзоныгътыл бырыны инфраструктурæйы кой куы кæнæм, уæд ам арæзтадон куыстытæ сæ тæмæны сты цалдæр уаццагыл. Цæттæ кæнынц дыууæ рæтæн фæндаджы. Сæ иумæйаг дæргъ уыдзæн 5 километры. Æрвылбон сын сæ бындур бетонæй аразынц. Алы дыууæ боны та сын сæ цæджындзтæ фидар кæнынц. Ныридæгæн райдыдтой рæтæнвæндаджы дæллаг станцæ æмбырд кæнын. Уымæй уæлдай ма алы бон дæр уæззау техникæйы 50 иуæгæй фылдæр кусынц къахдзоныгьтыл бырынæн трассæтыл. Кæцыдæр рæтты хохы фæхстæ барæй ныллæгдæр кæнынц, электрон тых сæм уадзынц. Уыимæ ма арæзтадон куыстытæ цæуынц быдырыл дæр. Курорт æмæ инвесторты цы транспортон инженерон инфраструктурæ хъæуы, уый аразынц. Хæдтулгæтæ æвæрæн бынæттæ дæр цæттæ кæнынц, æмткæй райсгæйæ бæстыхаймæ зилынц. Быдыры астæу та аразынц сервисон центр.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later