Цæгат Ирыстонмæ ссыд Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак. Вице-премьер республикæйы байгом кæндзæн ног дæлстанцæ, бабæрæг кæндзæн Мамысоны курорт æмæ «Казачий хутор» хæдзарад. Беслæны дарддæр арæзт цæуы Терчы цæугæдоны сæрты хид. Уымæй уæлдай ма дзы уадзынц газы хæтæл. Объект цæттæ кæд уыдзæн, уый тыххæй чысыл фæстæдæр. Паддзахадон инспекцийы кусджытæ фервæзын кодтой 7-аздзыд лæппу Мамиаты Чермены. Сыгъдхъæстæ фæци, фæлæ æххуыс афойнадыл фæзынд. Ныртæккæ йе `нæниздзинадæн тас ницæмæй у. _________________________ Мы рядом в:
Hide player controls
Hide resume playing