Myvideo

Guest

Login

Плиты Грис. Урс блон

Uploaded By: Myvideo
85 views
0
0 votes
0

Урс бæлон. Автор Плиты Грис, кæсы Мамсыраты Тасолтан Урс бæлонау мæм æрбатахт Хæцæны дæ фыстæг, Æмæ зæрдæ барухс уайтагъд - Нал у ныр æнтъыснæг. Бæлонмæ кæсын, æмæ мын Байдыдта дæ бустæ... Хъусын, æмæ та дæ кæуын Азæлы мæ хъустыл: «Раздæх, ра, нæхимæ тагъддæр», - Алы фысты домыс, - Фæлæ хæст уынгæг у, знаг дæр Тагъд сæттын нæ комы. Нал у, нал у фæндаг тынг даргъ - Хъизæмарæй здæхæн. Урс бæлонау дæм, мæ зынаргъ, Хъуыдыты фæтæхын: «Бабыхс, ме скаст, байдай худын, Сахуыр у фæразын, Зынты бафæразæг удæн Адджындæр у уарзын. Ды цыкурайы фæрдыг дæ Удхайраг салдатæн, Уый дæ сау цæстытыл сыгтæ Бахус кæндзæн батæй».

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later