Ирыстоны райдыдта Джеоргуыба – Уастырджимæ кувæн къуыри – æмæ нæ республикæйы цæрджытæн кæнын зæрдиаг арфæ! Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Джеоргуыбайы бонты Иры адæм зæрдæрухсæй кувдзысты Иунæг Стыр Кадджын Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ, фæдзæхсдзысты сыл сæ бинонты, сæ бæлццæтты, сæ хæстонты, сæ рынчынты, курдзысты сабырдзинад, цæмæй нын нæ Райгуырæн зæхх фыдбылзæй хизой, уый. Се ‘ппæты куывдтытæ дæр Стыр Хуыцау æмæ Уастырджимæ дзæбæхæй хъуысæнт! Кæддæриддæр Ирыстоныл аудæнт! Сердечно поздравляю жителей Осетии с началом национального праздника Джеоргуыба! Это неделя молитв ко Всевышнему и Уастырджи, время, когда среди суеты рабочих будней мы вновь можем больше внимания уделить семье, родным и соседям. Именно для этого первый день празднования Джеоргуыба в 2018 году было решено сделать выходным. Пусть Всевышний и Уастырджи примут ваши молитвы, благословят нашу Осетию и всех её жителей! Мира, добра и благополучия вам, друзья! Источник: Вячеслав Битаров
Hide player controls
Hide resume playing