Ахсар Джигкаев стихи Исидора Козаева музыка Ахсара Джигкаева Мӕ цард мын ма барут ӕрдуйӕ, Ысурс мӕ сӕр, ӕппӕтӕн - рад. Куы цӕуон ӕзтимӕ ӕмдзуйӕ, Уӕд уый куыд ысхонӕн ис цард! Фӕдӕн, Ирыстонау, гӕрӕхты, Куы кодта уадтымыгъ ӕхситт. Æвӕрдта митхалас нӕ хихтыл, Уӕд уый мӕ сӕрыл уарыд мит. Зӕгъыс, мӕ роцъо дӕр ныццыргъау, Мӕ ных ыссывтытӕ ӕвӕрд. Уый Иры хъысмӕты цыргъ дзыргъа Мӕныл дӕр иудадзыг ныдзӕвд. Уӕтӕры бӕласау тӕслыгтӕ, Зӕгъыс, зынгарыд дӕн, къуыхтӕ. Удӕстӕн а-хӕхты цӕссыгтӕй, Æмӕ сӕ пиллоны сыгътӕн. Зӕгъыс, нӕ мӕсгуытау ӕз ностӕ, Зӕронд Ирыстонау - ӕфхӕрд. Мах хъысмӕт иу дзӕккорӕй хоста, Уыдис ныл иу ӕргъом ӕвӕрд. Мӕ цард мын ма барут ӕрдуйӕ, Лӕугӕйӕ равидайӕм мах. Мӕ балц фӕцу ӕмӕ ӕрцуйӕ Æз никуы скъуырдзынӕн мӕ къах Мӕ мардыл мачи кӕнӕт хъарӕг, Поэт дӕн, ма тӕрсут мӕнӕн. Æмӕ Ирыстон та мӕ зарӕг, Кӕд уыдис зарӕгӕн мӕлӕн! (перевод Каллипсо) Не мерьте возраст сединою Успело время побелить. Но жить неспешно, чередою Тогда зачем на свете жить? Я был с Осетией в ненастье Когда метель в горах мела Пороша следом лихолетья На волосы мои легла. Ты скажешь -скулы заострились? Чело мое иссечено. То стрелами судьба разила Меня с Отчизной заодно. Как дерево в местах привала- Изрезан, обожжен, побит Горел я в адовом горниле Слезами гор родных облит. Как башни- шрамами помечен? И раны рваные видны? Кувалдой то же изувечен Судьбе мы дань одну должны. Не мерьте возраст сединою Нам стоя иссякать дано. И жизнь -лишь путь к седым вершинам. С него свернуть не суждено. Поэты знают код бессмертья А значит -слезы не нужны Осетия была мне песней. В веках мы с нею будем жить.
Hide player controls
Hide resume playing