ГИБИЗТИ ОСКАР, «ÆХСÆВÆ» Заруй Тайсаути Олег. Зæлтæ ниффинсæг — Золойти Беллæ. Дигори хуæнхтæбæл æруагъта, цæргæсау, Сау фуни базуртæ æхсæви паддзах, Нимæти æхе батухта тухст бæлццонау Хори ходæзмол, зæрдиуарзон бакаст. Æхе баримахста адæми федисæй, Фæллигъдæй идардмæ мæнгæтти бæстæй. Уордиги — æхсæви талингæ къæсæрæй Нур бабæй гъæуай кæнуй амонд бунæй. Нигъгъос æй фуртæссæй къæсхуртæ сау къæдзæх, Къанау зæнхи гъоси цидæртæ дзоруй. Еуварси кæмидæр Терк мæстгун цæхъалтæй Æрдзæй уарзондзийнадæ туххæй дæр коруй. Æвæдзи, не ’ссирдта е уарзон æ царди, Æвæдзи, нæ зонуй амонди бакаст, Хори тунти цийнæ не ’гъусуй æ зарди, Кæнуй мин, æвæдзи, е ’нкъард царди гъаст. Æ сагъæс мæнмæ æвдесуй æ цæхъалти, Æ цæстисуг калуй пурхæнтæй хонхбæл. Дессаги гъудитæ игъусуй æ зарди, Дессаги цийнитæ кæнуй нур мæнбæл. (1976 анз, май)
Hide player controls
Hide resume playing