Ног азæй кусгæ чи кæны, уыцы адæмæн сæ пенситæ индексаци скæндзысты. Уæрæсейы Социалон Фонды республикон хайады куыд радзырдтой, афтæмæй ивддзинад фæзындзæн 25 мин адæймагыл. Фиддон нымайдзысты æхцайы уыцы бæрцæй, кæцы адæймаг хъуамæ истаид кусгæ куы нæ кодтаид, уæд. Æфтиæгтæ хицæн кæндзысты ныртæккæ кусгæ чи кæны æмæ æгуыст чи у, уыдонæн. Раздæр пенсиисæг индексацимæ хауд æрмæст куыстæй куы суæгъд уыдаид, уæд.
Hide player controls
Hide resume playing