Myvideo

Guest

Login

Таймураз Дзускаев - Ихджын суадон

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Ихджын суадон - Таймураз Дзускаев Ихджын дæ, ихджын суадон, Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. ☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (2 хатты) Цы доны цæугæ ныууагътон, Уый мын фæйлауын куы хъуыди. ☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон, Уый мын рæвдауын куы хъуыди.☺ (2 хатты) Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн, Донæй рæсугъддæр не 'ссардтон. ☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн, Дæуæй рæсугъддæр не 'ссардтон.☺ (2 хатты) Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ кæрты суадон кæмæн ис. ☺Тæхуды, уымæн йæ къона, Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.☺ (2 хатты) Урс доны былыл сау фæрдыг, Бирæ дзы уымæн банызтон. ☺Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг, Бирæ дæ уымæн бауæрзтон☺ (2 хатты) Уалдзыгон къæвда донласт у, Æдзух дæр æм нæрын цæуы. ☺Чызгæййы зæрдæ уæнгсаст у, Æдзух дæр æм кæуын цæуы.☺ (2 хатты) Ихджын дæ, ихджын суадон, Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон. ☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон, Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (3 хатты)

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later