«Вне сезона», зæгъгæ фестваль райдыдта Дзæуджыхъæуы. Сарæзтой йæ нæ республикæйы культурæйы министрад æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты хъæппæрисæй. Абон мадзалы уазджытæ систы фæсивæд æмæ сабитæ. Уыдонæн театр «Амыран»-ы артисттæ бацæттæ кодтой «Хæзнаты Сакъадах», зæгъгæ спектакль. Ахæм фестиваль сарæзтой дыккаг хатт. Йæ аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм культурон мадзал дарддæр араздзысты. Фестивалмæ ма сæмбæлдысты Кæсæг-Балхъар æмæ Дагестаны минæвæрттæ. Уыдон дæр фестивалмæ бацæттæ кодтой спектакль. Ф
Hide player controls
Hide resume playing