Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экономикæ æмæ разамынды факультеты 2-æм курсы студент Хуыбецты Георгий йæ хорз зоны йæ проекты райрæзтыл куыд бакусдзæн, уый. Ныртæккæ хъæугæ у, фидарæй зæгъы æрыгон адæймаг. “Информационная среда 2.0“ нысан кæны интерактивон экран æмæ аудиосистемæ сæвæрын, уыдоны ’руаджы фæбæрзонддæр уыдзысты коммуникацитæ æмæ хæрзуавæртæ. Уымæй уæлдай ма интерактивон экраныл зындзæн ЦИПУ-йы истори, цымыдисаг наукон факттæ, ахсджиаг бонтæ æмæ лекцитæ. Фæндмæ гæсгæ фæзындзысты 4 факультеты. Лæппумæ ахæм хъуыды фæзынд Ростовы форум “21-æм æнусы лидер“-ы фæстæ. Ахуыргæнджытæ студенты фарсмæ балæууыдысты. Æмткæй райсгæйæ уæлдæр ахуыргæнæндон аразы æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй фæсивæд сæ хъæппæристæ æмæ проекттæ царды уадзой. Проектæн аргъ скодтой Дзæуджыхъæуккаг фæсивæдон ахуырадон форумы. Куыстытæ æвзæрстой жюрийы уæнгтæ. Георгийы уырнгæ дæр нæ кодта, хуыздæрты ’хсæнмæ бахаудзæн, уый. Архайджытæ уыдысты 500 адæймаджы. Фæлæ йын йæ мыггаг фыццаг загътой. Радтой йын сертификат 30 мин сомæн. Фыццаг социалон ахсджиаг проект æмæ фыццаг уæлахиз. Фидæнмæ нысанты - проекты райрæзт. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет нысан кæны фембæлдтытæ фæлтæрдджын эксперттимæ. Сæ иу арæзт æрцыд экономикон факультеты - уазджытæ систы Уæрæсейы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл агентады минæвæрттæ.
Hide player controls
Hide resume playing