Myvideo

Guest

Login

Ансамбль КЪОНА - Алыккаты Хазбийы зарг

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Алыккаты Хазбийы зарæг - Ансамбль “КЪОНА“ Песня о предводителе жителей с.Кобан в кровавой битве против карательной экспедиции генерала Абхазова в 1831 году. Погиб как герой, защищая интересы своего народа и честь осетина-горца. Ой, дзыцца, дысон дын фыдфынтæ куы рауыдтон, мæ бон. Ой, уæрæйдæ, йе, мæ бон, дзыцца, Фыдфынтæ! Ой, цыма, зæгъы, нæ гæнахы сæрмæ дыууæ бæлоны кæрæдзи бумбули бындзыггай тыдтой. Ой, уæрæйдæ, йе, мæ бон, дзыцца, Бындзыггай! Ой, цыма, зæгъы, нæ саулох бæх йæ дзылар бос стыдта æмæ тар хъæдмæ лыгъди. Ой, уæрæйдæ, йе, мæ бон, дзыцца, тар хъæдмæ! Ой, цыма, зæгъы, нæ зæронд къамбец йæхи артмæ аппæрста. Ой, уæрæйдæ, йе, мæ бон, дзыцца, Артмæ! Ой, дзыцца зæгъы: дæ фæхъхъау фон, Мæлгæ мын кæндзынæ! Уæу, дзæгъæлæй зайдзынæн Хъобаны! Ой, уый та, зæгъы, дæ дыууæ хойы дæ мæрдæй кæрæдзи дзыкку бындзыггай тондзысты! Уæу, дзæгъæлæй зайдзынæн Хъобаны! Ой, уый та, зæгъы, дæ ногхаст ус дæ мæлæты фæстæ йæ цæгатмæ лиддзæн! Уæу, дзæгъæлæй зайдзынæн Хъобаны! Уæй, д' адзалы фæстæ мæ рæхыс ме 'фцæгыл, афтæмæй, Дыууæ донмæ цæудзынæн! Уæу, дзæгъæлæй зайдзынæн Хъобаны! Ой, Хазби, нæ комы бынмæ ой Æрбаталынг и! Уый Абхадзы æфсæдтæ сау мигътау куы бадынц, иунæг Хазби! Ой, Хазби, нæ мæгуыр къуымтæ, Ой, нæ хидæйдзаг хуымтæй хынджылæг куы кæнынц, иунæг Хазби! Ой, Хазби, нæ рæсугъд чызджытæ Гъой, хъазахъхъ мой кæндзысты! Уырыс мой кæндзысты, хорз Хазби! Уастæн, мах тæригъæдæй, Ой, сæ туджы фæмæцой, Уæй, тох!

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later