Интерактивон мультимедион визит-центр “Заповедная Осетия-Алания“-йыл экскурси фадат дæтты Ирыстоны æрдзы æмæ культурæйы хъæздыгдзинæдтæ базонын. Визит-центры бындурыл фенæн ис интерактивон экспозицитæ, кæцытæ дзурæг сты фæдзæхст бынаты зайæгойтæ æмæ цæрæгойтыл, экосистемæ æмæ æрдзон нывтыл. Балцы рæстæг пайда кæнынц нырыккон технологитæй, куыд виртуалон æцæгад, афтæ мультимедион инсталляцитæй, уый фæрцы ахуыртæ рауайынц ноджы цымыдисагдæр. Æрбацæуджытæн сæ бон у дæсныйадæвдисæг ахуырты архайын, æрдз хъахъхъæныны фæдыл лекциты. Экскурсийы ис фæдзæхст бынаты маршрутты тыххæй базонын. Æмбал кæмæн нæй, ахæм æрдзон фæзындтæ цы ран фенæн ис, уый дæр. Æмæ, æнæмæнг, хæстæгдæр раиртасын бынæттон цæрджыты традицитæ æмæ æгъдæуттæ. Мадзал арæзт у алы кары адæмæн. Хорз гæнæн у рæстæг пайдаимæ арвитынæн. Визит-центр фæзынд федералон проект “Развитие туристкой инфраструктуры“-йы национ проект “Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустри“ æххæст кæнгæйæ.
Hide player controls
Hide resume playing