Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны пациентыл æрмæст фондз мæйы цæуы. Риуы гуыдыры рентген равдыста рæуджыты инфекцион низ. Ацы диагноз ахæм чысылæн уæззау у. Елойты Алан уынаффæ рахаста лæппуйы рæуджыты аппаратмæ ракæнын. Царынæн хъæугæ функцитæ бæрæг æмвæзадыл уромын комкоммæ у анестезиолог-реаниматологы хæс. Афтæмæй организмæн æххуыс кæнынц рæстæгмæ зындзинæдты сæрты ахизынмæ. Елойты Аалан куыд зæгъы, афтæмæй йæм сывæллæттимæ кусын æнцондæр кæсы. Елойты Алан амоны сæрмагонд боныг. Нысан дзы кæны рынчыны уавæры бæрæггæнæнтæ. Пациенты организм низимæ тох кæнын куы нæ фæфæразы, уæд æй рæуджыты аппаратмæ ракæнынц, кæнæ та йын, зæгъæм, снысан кæнынц, диализ. Алан йæ дæсныйады ис ссæдз азæй фылдæр. Йæхæдæг, куыд зæгъы, афтæмæй йæ равзæрст хъуыддаджы тыххæй арæх фехъусы мæнг цаутæ дæр. Зæгъгæ, дам анестезиологтæ уарзынц операцийы рæстæг дæргъвæтин кæнын. Уыцы хъуыды бынтон раст нæу, æмгъуыд фæивазынц, æрмæст низы хатт бынтон куы нæ раиртасынц, уæд. Анестезийы фæстæ пациенттæ сæхимæ куыд æрцæуынц, уый дæр ма иу дызæрдыккаг хъуыды. Елойты Алан дзуры, галлюцинацитæ се ’ппæтмæ нæ вæййы. Наркозы фæстæ цы уыдзæн, уый аразгæ у адæймагæй йæхицæй. Препараттæ сахадынц нервыты системæйыл, уый та алкæмæндæр хицæн у. Уымæ гæсгæ сæхи фæдарынц алыхуызон. Фæлæ, æвæццæгæн, ацы къабазы специалисттæн æппæты зындæр фехъусын вæййы ацы дæсныйад рог у, зæгъгæ. Иу укол скодтай, адæймаг бафынæй, æмæ ды та улæфыс. Фæлæ уый раст нæу. Анестизиолог-реаниматолог æнæрлæугæйæ кæсы рынчыны уавæрмæ. Зæгъæн ис, æмæ уый ’руаджы аирвæзы. Сабитæ уæлдай узæлд домынц, фæлæ фылдæр уарзондзинад дæттынц, - зæгъы Елойты Алан. Йæ кусæн уаты бирæ нывтæ ис. Куыд чысыл автортæ, афтæ сæ куыстытæй дæр дохтыр райгонд у. Сывæллон фæдзæбæх кæны, уый бамбарынæн Елойты Аланы сæрмагонд кусæнгæрзтæ нæ хъæуы. Сабийæн уæд йæ фарстытæ сарæх вæййынц. Уый та хорзыл дзурæг у. Чысыл пациенттимæ ныхас кæнын дохтырæн æхцондзинад хæссы. Уымæн æмæ сабитæн лæггад кæнгæйæ дæсныйадæн уæлдай аргъ кæнынц.
Hide player controls
Hide resume playing