Иу цæф иннæйы ивы, боксертæ кæрæдзийæн тыхджын ныхкъуырд дæттынц. Удыхъæды хъæддыхдзинад куы нæ равдисай, уæд дыл дæ ныхмæлæууæг фæтых уыдзæн. Спортивон хъæбысхæсты цæттæдзинады тренировкæгæнæн центры ерыс кæнынц 15 æмæ 16-аздзыд чзджытæ æмæ лæппутæ. Дисциплинæ — олимпаг бокс. Регионты ’хсæн ерыстæй ссардтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Манголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр Плиты Иссæйы ном. Ноябры йæ райгуырдыл æххæст кæны 121 азы. Сæ тыхтæ бафæлварынмæ Дзæуджыхъæумæ ссыдысты 145 спортсмены бæстæйы 8 регионæй. Кæронбæттæны тохтæ ацæудзысты 1-æм декабры. Турнир расидтысты республикæйы Боксы федерацийы Спорты министрад, хицауад, горæты администраци æмæ Плиты Мыггаджы æххуысæй. Уæлахиздзаутæн — лæвæрттæ æмæ спорты мастертæм кандидаты ном, æппæт архайджытæн та — фæлтæрддзинад. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ нысан у фыллдæр фæсивæды ’ргом спорт æмæ æнæиз цардыуагмæ раздахын.
Hide player controls
Hide resume playing