Дзæуджыхъæуы парчы æрдæгарæзт бæстыхай ацы бонты акалдзысты. Уæдæ цæттæ кæнынц Гæмæх хохы рæтæн фæндаг райхалынæн сæрмагонд проект дæр. Цæуыл ма ныхас кодтой республикæйы хицауады аппаратон æмбырды, уый радзурдзыстæм бæлвырддæр. Фæткалджыты нымæц къаддæр кæныны нысанимæ та радон рейд сарæзтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. 2 боны дæргъы республикæйы цыд кæсаг ахсынæй чемпионат. Горæтгæрон районы æрæмбырд сты хуыздæр кæсагахсджытæ. Уæлахиздзаутæ та сæ арæхстдзинад æвдисдзысты дунейы чемпионаты. _________________________ Мы рядом в:
Hide player controls
Hide resume playing