Myvideo

Guest

Login

Александр (Блэкер) Тедеев - А-лол-лай

Uploaded By: Myvideo
5 views
0
0 votes
0

А-лол-лай - Александр (Блэкер) Тедеев слова: Коста Хетагуров Къух дæ ауызын фæразы... Мæй дæ авдæнимæ хъазы. Стыр лæг мын ысуай!.. А–лол–лай!.. Ракæндзынæн дын мæ зарæг... Искуы кæд ысуис мæ дарæг, Урс уæрыкк дын уон!.. О, мæ бон!.. Зындонæй фыддæр нæ цæрæн... Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн Сау хæххон куыстæй... Ахуысс,цæй!.. Искуы мын куы схъомыл уаис, Уæд ды дæр дзы цух нæ заис, Бирæ мын цæрай!.. А–лол–лай!.. Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ, Къахис митбынæй мæхъитæ, Стонг æмæ сыдæй... Ахуысс, цæй!.. Сугтæ мын хæссис æргъомæй... Бадзурин дæм уæд æргомæй: Мады зæрдæ зон, О, мæ бон!.. Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ, Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ, Ма цæ бафæллай!.. А–лол–лай!..

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later