Лæууы ма мæ зæрдыл - J`ROM BAND слова: М. Кочисовой музыка: Народная Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас. Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур, Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур. {О, ой, уæрæйдæ, гъей, Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур, гъей.} x2 Кæдæм мын фæлыгъдтæ, мæ уарзон тæргай, Кæй лæппу дæ хоны йæхицæн ныр къай. Дæ мидбылды бахудт, дæ иунæг фæкаст Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътой маст. {О, ой, уæрæйдæ, гъей, Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътой маст, гъей.} x2 Уый раджы, уыд раджы, фæлæ ма уæддæр Æз уыцы изæрты фæмысын ныр дæр. Нæзы хъæды бæластæ бæрзонд арвыл мæй, Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй. {О, ой, уæрæйдæ, гъей, Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй, гъей.} x2 Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас. Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур, Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур. {О, ой, уæрæйдæ, гъей, Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур, гъей.} x2
Hide player controls
Hide resume playing