Myvideo

Guest

Login

93 псалом иронау. На осетинском языке.

Uploaded By: Myvideo
43 views
0
0 votes
0

О мастисӕг Хуыцау, Дунедарӕг,       мастисӕг Хуыцау, равдис Дӕхи!  Рацу, зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг,       бафхӕр сӕрыстырты сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.  Уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ, О Дунедарӕг,       уыцы фыдлӕгтӕ кӕдмӕ райдзысты?  Сӕ дзыхӕй ракалынц схъӕл дзырдтӕ;       фыдгӕнджытӕ сты се ’ппӕт дӕр хиппӕлой. Ссӕндынц Дӕ адӕмы, Хуыцау,       ӕфхӕрынц Дӕ бындар адӕмы.  Марынц сидзӕргӕсы ӕмӕ ӕрцӕуӕггаджы,       сафынц сидзӕрты  Ӕмӕ дзурынц: «Нӕ фендзӕн Дунедарӕг,       нӕ базондзӕн Иаковы Хуыцау».  Уӕхи ӕрӕмбарут, ӕнӕзонд адӕм!       Кӕд уӕм ӕрцӕудзӕн зонд, ӕнӕмбаргӕтӕ?  Хъус Чи скодта, Уый нӕ фехъусдзӕн?       Цӕст Чи сарӕзта, уый нӕ фендзӕн?  Адӕмтӕй дзуапп домӕг не ’рфӕрсдзӕн?       Адӕймагӕн зондамонӕг нӕ базондзӕн?  Дунедарӕг зоны адӕймаджы фӕндтӕ –       уыдон ӕдзӕлгъӕды кӕй сты, уый.  Тӕхудиаг у,       Ды йӕ рӕдыд кӕмӕн зӕгъыс, Дунедарӕг,       Де ’гъдӕуттыл кӕй ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг;  Уымӕн ӕмӕ йын бӕллӕхы заман ратдзынӕ ӕнцой,       цалынмӕ фыдлӕгӕн уӕрм скъахтӕуа, уӕдмӕ.  Бӕлвырд, Дунедарӕг нӕ фе

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later