1879-æм азы хуымгæнæны мæйы фыдгæнæг паддзах Александр 2-æмы фехсынмæ хъавыдис, фæлæ йыл йæ нæмыг не суад. Уыцы цау зæрдыл дарыны тыххæй амалхъом адæймаг Иван Ситов сфæнд кодта аргъуан саразын. Архайын ыл райдыдтой, æмæ 1886-æм азы сыгъдæг къниаз Владимиры номыл конд аргъуаныл фыццаг хатт саргъуыдтой. 1941-æм азы тъæнджы мæйы аргъуаны знæгтæн сæ фæнд сæ къухы бафтыд. Кувæн бынат ныппырх кодтой, йæ дуртæ йын фæйнæрдæм фæхастой. Йæ алыварс цы ингæнтæ уыдис, уыдонæн дæр сæ дуртæ айстой, фæлæ сæхæдæг уым баззадысты.
Hide player controls
Hide resume playing