Myvideo

Guest

Login

Дзуджыхъуы Чырыстон гимназы арзт рцыд Колыты Аксойы номарн мадзал

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Дзæуджыхъæуы Чырыстон гимназы арæзт æрцыд Колыты Аксойы номарæн мадзал. Ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой хъæздыг программæ: бакастысты æмдзæвгæтæ, радзырдтой зындгонд ирон рухстауæг æмæ поэты царды тыххæй, йæ биографийы цымыдисаг æмæ æнæзонгæ цауты тыххæй. Уымæй уæлдай ма фæсивæд бацæттæ кодтой Колыты Аксойы царвæндаджы тыххæй мультипликацион киноныв. Пластилинæй сарæзтой фигурæтæ æмæ афтæмæй скодтой нывтæ. Авторон текст та ныффыста ахуыргæнæндоны педагог Яна Лущик. Скъолайы разамынд куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм мадзæлтты ахадындзинад стыр у. Сæйрагдæр у, цæмæй сывæллæттæ зоной æмæ хъуыды кæной ахæм хъуыстгонд адæмы.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later