Myvideo

Guest

Login

Стыр бргбон радон хатт уыд Джызлы - Галзилн

Uploaded By: Myvideo
7 views
0
0 votes
0

Кадджын бæрæгбон æгъдаумæ гæсгæ райдыдта фысымты хæдзары. Ацы аз фысымтæ сты Æлдаттаты бинонтæ. Хъæуы цæрджытæ сæхи сæумæрайсомæй райдыдтой цæттæ кæнын. Галзилæн хъæуы у стыр аргъ æмæ кад кæмæн кæнынц, ахæм бон. Нывонд гал схæссынц уæлдай, сыгъдæг уавæрты, цæмæй йæ рыны бардуаг айса. Сыгъдæг хъуыдытимæ æмæ аив уæлæдарæсы нывонд гал уынгты ракæнынц. Хæдзары сылгоймæгтæ сæ кувинæгтæ рахæссынц дуармæ. Цæмæй алчидæр йæ бинонты дзуарыл бафæдзæхса. Кусæрттаг кувæндонмæ куы бахæццæ кæнынц, уæд та йæ бæласы алыварс æртæ хатты æрзилынц, уый фæстæ скувынц æртæ кæрдзыны. Джызæлы кувæндон кæцыдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ равзæрд дыууæ æнусы размæ. Къорд рæстæг адæм тох кодтой карз низиимæ. Æрхаста бирæ зиантæ. Хъыгагæн, хъæуы кæстæртæй бирæты фесæфта. Уæд цæрджытæ хохы кувæг адæммæ æххуысы фæдыл фæцыдысты. Фæлæ урс гал хъæуы бинонтæй никæмæ разынд. Æмæ та ногæй адæм Гуцъаты кувæг адæмы бафарстой, цы ми бакæнæм зæгъгæ. Уыдон сын дзуапп радтой, зæгъгæ, хорз нæ федтат, иу хæдзары ис урс нывондгонд. Рыны бардуагæн урс галы æрхастой нывондæн. Æмæ æцæгдæр чысыл фæстæ хъæубæсты кæстæртæ низæй сдзæбæх сты. Ацы бынаты та цæрджытæ сарæзтой кувæндон. Галзилæн Джызæлы фæбæрæг кæнынц августы æрыккаг хъуыцаубоны. Æрвылаз бæрæгбонмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау æмæ бæстонæй. Æртыгай уæлибæхтæ æмæ мысайнæгтимæ сæмбæлынц кувæндонмæ. Хистæртæ фæкувынц, кæстæртæн фæкурынц æнæниздзинад, сабыр цард æмæ рæсугъд фидæн. Бæрæгбонмæ æрвылаз ссæуынц алы рæттæй. Ацы хатт суазæг кодтой Ногиры, Октябрьскæйы, Ольгинскæйы æмæ æндæр хъæутæй минæвæртты. Дызæрдыггаг нæу, галзилæн цæрджыты кæй æрбангом кодта, сси сын иудзинады бон. Ацы бæрæгбон æрæмбырд кодта бирæ адæм. Куыд алы хатт афтæ ныр дæр адæмæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Мадзал срæсугъд кодтой зарджытæ æмæ кæфтытæй.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later