Ацы кусæнгарзæн, æнæмæнг, аргъ скæндзысты хъæууон хæдзарады. Ныридæгæн цæттæ у æрмæст йæ схемæ. Фæлæ уый дæр дисы 'фтауы. Гутон мæры раиртасы дуртæ æмæ сæ иувæрсты ацæуы. Ахæм машинæ тагъд æрмæст уæрæсейаг агропромышленнон комплексы уыдзæн. Конструктор — Хæххон паддзахадон аграрон университеты студент Танделаты Давид бæстонæй дзуры йæ фидæны проекты тыххæй. Дуртæ агурыны гарзимæ гутонæн Давид ныридæгæн патент скодта. Специалистты фидарæй уырны, ног гарз самал кæнын бирæты бафæнддзæн. Фæрæз хорз уыдзæн Цæгат Кавказы быдырты хуым кæнынмæ, суанг ма хæххон бынæтты дæр. Уыцы ран арæх вæййы стыр дуртæ, фехалынц гутоны хæйттæ. Сæ саразын æнцон хъуыддаг нæ вæййы. Сæ иуы аргъ æппынкъаддæр у 2 мин сомы, зæгъы Давид. Машинисттæ кусæнгарзыл аудгæйæ райсынц хæрзхъæддæр хæйттæ. Ацы дзаумайы 'руаджы фæбæрзонддæр уыдзæн иннæ модельты хъомыс дæр. Къаддæр сæтдзысты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ цалцæгыл дæр хардзтæ бирæ нæ цæудзæн. Уæвгæ, ахæм кусæнгарзимæ хуым кæнын дæр æдас уыдзæн. Нырыккон гутоныл профилон университеты студент куыста йæ наукон размонæг Уыртаты Таймуразимæ. Давид сси Ежевскийы номыл националон премийы лауреат. “Хъæууон-хæдзарадон машинæтæ æмæ ифтонггæрзты аразаны“ номинацийы не 'мзæххон сси 15 хуыздæр студенттæй иу. Ахæм æнтыстдзинадмæ цыд дыууæ азы. Уæлахиздзауты схорзæх кæндзысты Воронежы. Ныр та уал Давид агуры инвесторты. Лæппу ахуыр кæны инженерон факультеты. Куыд радзырдта, афтæмæй йæм æндæр хъуыдытæ дæр ис. Фæлæ уал ныридæгæн ахсджиаг у ацы проектыл кæронмæ бакусын.
Hide player controls
Hide resume playing