Терчы былгæрæтты Цæнгæт хидæй Соляныйы фæрсуынджы онг аивгæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Специалисттæ ныртæккæ паркмæ бахизæны æмбырд кæнынц хъазæн фæзы комплекс. Боныхъæд кæд хорз рауайа, уæд æй фондз боны æмгъуыдмæ сцæттæ кæндзысты. «Дед и внук» скульптурон композицийы алыварс кусджытæ æхгæнынц гæрæнтæй. Хæстæгдæр рæстæг скульптурæ фæстæмæ йæ бынат ссардзæн. Уымæй уæлдай ма цалцæг кæнынц сыгъдæггæнæнты сæрты æртæ чысыл хиды. Аразджытæ халынц зæронд бетон, сæвæрдзысты дзы брусчаткæ æмæ бордюртæ. Æдасдзинады тыххæй ма дзы фæзындзæн рухсгæнæн цæджындзтæ.
Hide player controls
Hide resume playing