Myvideo

Guest

Login

Лг бинонты хистр. На осетинском языке.

Uploaded By: Myvideo
109 views
0
0 votes
0

Лæг бинонты хистæр уый тыххæй нæу, ӕрмӕст нæлгоймаг кæй у, фæлæ уый тыххæй, Хуыцауы фæлгонц кæй у, æмæ йæ ус æмæ йæ сывæллæтты бон кӕй у йæ мидæг уынын ацы фæлгонц. Ахӕм фӕлгонц, кӕцы у æнӕкæрон уарзт, зæрдиаг уарзт, æнувыд уарзты фæлгонц. Ахæм уарзты фæлгонц, кӕцы алцыппæтмæдӕр цæттæ у, цæмæй фервæзын кæна, бахъахъхъæна, бафсӕдын кӕна, барæвдауа, зæрдæ барухс кæна, бинонты схъомыл кæна. Уый алы адæймаг дæр хъуамæ йæ зæрдыл дара. Æгæр æнцон у нæлгоймагæн афтæ хъуыды кæнын, ома, æрмæстдæр нæлгоймаг кæй у, уый тыххæй йын ис бар йæ усыл æмæ йæ сывæллæттыл. Уый раст нæу. Кæд æмæ йæхæдæг Чырыстийы фæлгонц нæу, уæд йын никæй хæс у, цæмæй йын истыгъуызон аргъ кæна, тæрса дзы æмæ йын йæ коммæ кæса. #Осетия #Алания #осетин #ирон

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later