Мæй сындæггай мигъты ’хсæн лæсы, Дымгæ таурæгъ донбылæй хæссы. Иу хъæуы нæм сау рæсугъд чызг цард. Иу лæппу йыл уарзонадæй тад. Чызг æм дзуры: «Æрбайхъус-ма бæстон, — Цу æмæ, дæ мады зæрдæ сдав». Мады зæрдæ фестъæлфыд, ыстыхст: «Кæд, мæ фырт, дæ къахы цæф фæрыст?..» Ма фæдис (???) æнæ (???) зæрдæйæ мад, Лæппу чызджы цурмæ згъоргæ уад, Фæлæ дурыл бакъуырдта йæ къах, Мады зæрдæ фестъæлфыд, ыстыхст: «О, м’ æдылы, æз къахгæ кодтон дæу! Кæд, лæппу, нæ хъæуы дæу дæ мад, Кæд, мыййаг, нæ хъæуы дæу дæ мад, Уæд мæнæн, куыд кæндзынæ лæггад?! Кæд лæппу, нæ хъæуы дæу дæ мад, Уæд мæнæн куыд кæндзынæ лæггад?!» Мæй сындæггай, мигъты ’хсæн лæсы, Дымгæ чызджы уайдзæфтæ хæссы: «О, бабын уат, нæ лæппутæ, сымах, Кæд, куыд ивут, нæ буц мадæлтыл мах?! О æдылы, æз къахгæ кодтон дæу. Кæд лæппу, нæ хъæуы дæу дæ мад, Кæд, мыййаг, нæ хъæуы дæу дæ мад, Уæд мæнæн куыд кæндзынæ лæггад?!».
Hide player controls
Hide resume playing