Уарзон Ирыстон! - Государственный гимн Республики Южная Осетия Уарзон Ирыстон! (Любимая Осетия! ) Государственный гимн один из главных государственных символов Республики Южная Осетия. Автор слов - Тотраз Кокаев (Кокайты) Автор музыки - Феликс Алборов. ●▬▬▬▬ஜ۩СЛОВА۩ஜ▬▬▬▬● Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн Лæууæм цырагъау мах уырдыг, Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн, Ды — нæ цин æмæ хъыг! Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард, Дæ ном дын исæм бæрзонд, Удуæлдай дын кæнæм лæггад, Дæуæн у нæ цард нывонд! Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ — Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт! Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ, — Зылди дæ фæдыл сау фыдох, Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй Кодтой дæ зынтæ рох. Царды рухсмæ æдзух цыдтæ, Фыдбонты нæ саст дæ ныфс, Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ, Æргомæй размæ цæуыс! Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ — Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт! Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг! Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт, Ацы дунейы нын масты уæзæй Ма у дих æмæ уæрст, Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном, Бæрзонддæр кæнæд дæ кад, Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом, Дæ фæрцы рухс у нæ цард! Уæ, бæсты фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ — Нæ уарзон Ирæн Ды-иу амонд ратт! Ном æмæ йын кад!
Hide player controls
Hide resume playing