Хъармгæнæн афон Цæгат Ирыстоны ацыд нысангонд пъланмæ гæсгæ. Куысты къуылымпыдзинæдтæ æрцыд, фæлæ уæззау фæстиуджытæм нæ расайдтой. Æмткæй газы хæтæлты куыст баурæдта 880 хатты, уыдонæй 857 цауы баст уыдысты энергон тыхы системæйы куыстимæ. Специалисттæ фарста фæнысан кодтой, ног аз архайдзысты, цæмæй ацы аххосаджы тыххæй аваритæ фæкъаддæр уой. Доны республикон куыстуаты директор Хъараты Тимур къуылымпыдзинæдтæ сбаста лæггæдтæ æххæстгæнæг куыстуæтты архайдимæ. Бæллæхтæ арæхдæр баст вæййынц хызæгтæ æвзæр уавæры кæй сты, уый. Ацы куыстытæ райдайынц рагагъоммæ. Ивгъуыд аз раивтой хъармгæнæн хызты 38 километры, сног кодтой 4 егъау хъармгæнæны. Ацы аз ма рацараздзысты ноджы 8. Уæлдай æргом здахынц социалон ахсджиаг объекттæ цы организацитæ ифтонг кæнынц, уыдонмæ. Цæттæгæнæн мадзæлтты рæстæг специалисттæ снысан кæнынц сæрмагонд схемæ, раиртасынц хæтæлты уавæр. Хъараты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, куысты къуылымпыдзинæдты 'хсæн фæнысан кæнын хъæуы кæцыдæр разамындæттæг компаниты архайд. Сæ куыст фæткмæ гæсгæ иууылдæр не ххæст кæнынц. Архайды фиппайнæгтæ хъармгæнæн афоны фæстæ равзарынц газы куыстуаты. Цæмæй хъармгæнæн сезон хорз ацæуа, уый тыххæй ахсджиаг у æппæт дзуапдæттæг куыстуæтты иумæйаг архайд. Специалисттæ бацæттæ кодтой ногдзинæдтæ, самал кодтой æмбæлгæ æрмæджытæ. Хъармгæнæн афон Цæгат Ирыстоны фæуыдзæн апрелы астæу. Ног та пъланмæ гæсгæ райдайдзæн 15-æм октябры.
Hide player controls
Hide resume playing