Николай Гумилев Фæдфæдыл иугъæдон ызгъорынц Фæд-фæдыл иугъæдон ызгъорынц Мæ бонтæ уыцы рисæй дзаг, Цæвиттон уардитæ ызгъæлынц, Ыскъуыйы булæмæргъты цард. Фæлæ йæхæдæг дæр æнкъард у, Æнкъард у бардзырд раттæг уарзт, Йæ зæлдаг цармы бын та марг туг Тындзы йæ тугдадзинты тагъд. Æмæ мæнæн, зæххыл цæргæйæ, У ‘рмæстдæр иу бæллиц зынаргъ: Цæмæй, куырм сабитау, дыууæйæ Ыссæуæм хæхты рæгътæм мах, Æрмæст сæгътæ кæм хизы буцæй, Кæм лидзынц урс æврæгътæ дард, Уым, руад уардитæ сгаргæ, хъусæм Æдзæммард булæмæргъты зард. 1917.
Hide player controls
Hide resume playing