Myvideo

Guest

Login

Адмы сфлдыстад. Бхфлдисн

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

У осетин на похоронах бытовал обычай который назывался “Бӕхфӕлдисӕн“. Старейший села обводил лошадь покойного вокруг его могилы, тем самым означая что его лошадь, и другие материальные принадлежности которыми он пользовался при жизни, будут так же с ним и в загробном мире. БÆХФÆЛДИСЫН Рагон ирон мæрдæгъдау. Адæймаг-иу куы амард, уæд ын фæлдыстой йæ уæлæдарæс, йæ хæцæнгæрзтæ, стæй йæ бæх дæр. Хорз бæх ын-иу куы нæ уыд, уæд ын агуырдтой хуыздæр, – Мæрдты бæсты йæ Дзæнæтмæ чи бахæццæ кæндзæн, ахæм. Бæхфæлдисыны æгъдау иттæг хорз ныффыста Къоста йæ уацмыс «Уæлмæрдты»-йы. Ирон адæмон сфæлдыстады ис Бæхфæлдисæджы раныхасы цалдæр хуызы æмæ сты тынг цымыдисаг, æвæрд сæ ис царды философи æмæ ирон адæймаджы дунеæмбарынад, йæ зондахаст, адæймагдзинад. Мардæн бæхфæлдисыны æгъдау ирон адæммæ æрхæццæ сæ рагфыдæлтæ скифтæй. Уыдоны дунеæмбарынадмæ гæсгæ адæймаг Мæрдты бæстæйы дæр цæргæ кæны æмæ йæ уым дæр хъæуы бæх, хæцæнгарз, стæй хæдзары мигæнæнтæ дæр. Æмæ сын сæ æвæрдтой семæ, ныр сæ археологтæ обау-уæлмæрдты ссарынц сæ фарсмæ, бæхæн та – йе стæгдар. Уæд-иу æй ныффæлдисыны фæстæ маргæ кодтой. Æмæ æрмæст бæх нæ фæлдыстой æмæ нæ мардтой. Кадджын лæгæн фæлдыстой йæ усы æмæ йæ фæсдзæуинты дæр. Стæй уый фæстæ уыдоны дæр кодтой маргæ æмæ йын сæ йæ фарсмæ, чи йæм дзы куыд æввахсдæр уыд, афтæ ныгæдтой. Фæлдыст бæх ирон адæммæ маргæ нал кодтой, фæлæ йын-иу йæ хъус ныуугард кодтой, йæ хъуынтæй-иу ралыг кодтой, стæй йæ буцæн дардтой. Саргъ сæвæрдæй, уæлдай йыл тыхкуыст нæ кодтой. Кæннод та-иу æй рæгъаумæ ауагътой. Мардæн ныр дæр ма кæмдæрты бæх фæлдисынц, фылдæр та бæхы бæсты – йæ машинæ.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later