Myvideo

Guest

Login

Республикйы эпидемиологон уавр не взрдр кны

Uploaded By: Myvideo
5 views
0
0 votes
0

Республикæйы эпидемиологон уавæр не ’взæрдæр кæны. Нысангонд арæнæй нæ ахызт. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Коронавирусы инфекци ис 9 адæймагмæ. Æхснырсæгæй дзæбæх кæнынц 29 адæймаджы, сæ фылдæр сты сывæллæттæ. “Æнæниздзинадхъахъхъæнынады“ национ проектмæ гæсгæ ныртæккæ æлхæнынц техникæ. Министр Тебиаты Сослан куыд загъта, афтæмæй медицинон кусæндæтты хæстæг рæстæг сæвæрдзысты уæззау ифтонггарзы 3 иуæджы. Цæгат Ирыстоны ис 44 æнæзакъон бырондоны, уыдонæй 12 Дзæуджыхъæуы. Премьер Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, бирæ бырон ис скъолаты цур æмæ республикæмæ æрбацæуæнты. Бабар кодта уавæрмæ лæмбынæгдæр кæсын. Лæбырдæй тæссаг рæтты цæрæг адæмы цæрæнбынæттæ раивыныл кусынц. Фыццаджыдæр, Мæздæджы район, бæлвырддæр та Чысыл Малгобек æмæ Предгорнæйы. Æхца рахай кæндзысты иннæ аз. Ныхас ма цыд Нарыхъæуы æхсæнадон бынаты аивгæнæн куыстытыл. Куыстытæ хъуамæ фæуой мæйы кæрон.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later