Абон уыд Уæрæсейы президент Владимир Путины æрвылазон егъау пресс-конференци. Нæ бæстæйы, уыимæ фæсарæнты журналистты ахсджиагдæр фарстатæн радта дзуæппытæ. Мадзал ацыд эпидемиологон уавæр хынцгæйæ. Цæгат Ирыстоны Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй фæзындзæн ведомствоты 'хсæн кусæг къорд. Йæ сæйраг хæс уыдзæн бынæттон хицауады уынаффæтыл фæсаууонмæ чи ахады уыцы адæмы иртасын. Алагирмæ бахизæны паддзахадон автоинспекцийы раздæры посты бынаты, гæнæн ис, æмæ фæзына ног объект. Районы администраци расидт конкурс. Проект бацæттæ кæнын у алкæй бон дæр. _________________________ Мы рядом в:
Hide player controls
Hide resume playing