Myvideo

Guest

Login

Тутыры фдзхт ут!

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Абон нæ республикæйы сбæрæг кодтой фольклорон-этнографион бæрæгбон Тутыртæ. 30 азмæ фыццаг хат. Дзæуджыхъæуы, Ирон театры фæзыл абон сарæзтой бæрæгбоны мадзæлттæ. Ацы бæрæгбон баст у бирæгъты бардуаг Тутыримæ. Нæ рагфыдæлтæй баззад ахæм таурæгъ: Тутыр бар куы нæ радта бирæгътæн, уæд сæ бон цуан кæнын нæу. Цæмæй хæдзарон фос хъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй-иу адæм сæ куывдтытæ ацы бардуагæн кодтой. Уыцы рæстæг иу тугдзыхтæ уайтагъд лыгъд радтой. Хъыгагæн, рæстæг куыд цæуы, афтæ ацы бæрæгбон адæм рох кæнынц. Йе`гъдæуттæ йын нал æххæст кæнынц куыд æмбæлы, афтæ. Ныр, уавæр ивыныл арахйынц. Нæ уацхæссæг Гогаты Марат абон бацархайдта бæрæгбоны мадзæлтты. Уыцы иу ран дæсгай алы хуызон армукъата. Бæрæгбоны мадзалмæ Горæты цæрджытæ æмæ районтæй уазджытæ æрбацыдысты Ирон театры фæзмæ. Иу ран зæлы ирон зарæг, иннæ ран хъаст. Фæсивæд барынц сæ тыхтæ, æхсынц фатæй æмæ ирон чъиритæй аходынц. Ам та йæ тæмæны бацыд бæрæгбоны концерт. Абон ам бæрæг кæнынц фыдæлты æппæты карздæр бæрæбæттæй иу - Тутыр. Уый уарзта сыгъдæгдзинад æмæ рæстдзинад. Тутыртæ сты ног азы бæрæгбоны æгъдæуттæй иу. Нæ фыдæлтæ йæм куывтой, йæ ном агургæйæ. Тутырты бæрæгбон кæддæр бæрæг кодтой стыр куывдтæй. Сарæзтой иу алы хуызон бæрæгбоны мадзæлттæ. Ерыс кодтой , кафыдысты, хъазыдысты, уæдæ иу хæдзаронты цыд дæр кодтой. Рагуалдзæг бæрæгбон кæй у, уый тыххæй иу артытæ дæр кодтой. Тутыры бæрæгбоны рæстæг иу чи райгуырд, уый иу хуыдтой уæлдай хъæддых, æнæниз. Абон дæр дзыллон бæрæгбон рауад. Тутырты бæрæгбон ма баст у Комдарæны рæстæгимæ. Кувгæ дæр æмбæлыди раздæр мархойы хæринæгтæй. Бæгæныйæ, куымæлæй æмæ цæкуытæй. Раздæр æй бæрæг кодтой 2 къуырийы дæргъы. Алы бонæн дæр уыди йæхи мидис. Уæвгæ, раздæр Тутыры ном тобæгонд уыди. Сылгоймагæн æй дзурыны бар нæ уыд. Фæлæ иу ыл уыдон дæр фæдзæхстой сæ кæстæрты. Йæ хорзæх сын цæмæй ратта. Абон дæр уыцы æгъдау сæххæст кæныныл бацархайдтой. Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары минæвæрæттæ сæ армукъайы байгом кодтой æрмдæсныйады ахуыртæ. Бæрæгбоны амидингæнджытæ сты нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ æфсæддон патриотон хъомылады центр, Дзæуджыхъæуы адиминстрацийы культурæйы разамынды æххуысæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, нæ фыдæлтæ нын цы æгъдæуттæ æмæ бæрæгбæттæ ныууагътой, уыдон хъæуы бахъахъæнын. Уæлдай дæр Тутыры. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбон афтæ бирæ адæм æрымбырд кæндзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты. Кадджын мадзæмæ ссыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бæрæгбонæн аккаг аргъ кæй кæнынц, уый хорзы рдæм ахаддзæн ирон æгъдæуутæ ма ферох кæныныл. Хъыгагæн, Тутыры бæрæгбон нæ республикæйы рохуаты аззад. Ахæм хуызы йæ сбæрæг кодтой фыццаг хатт. Мадзалмæ æрбацæуджытæй бирæтæ ахæм бæрæгбон кæй ис, уый тыххæй фыццаг хат базыдтой. _ Мы рядом в:

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later