Myvideo

Guest

Login

Фарсхцджыты ныхасппарнт, зарджыт кддр ацы залы спортивон цард й былтй калд.

Uploaded By: Myvideo
9 views
0
0 votes
0

Фарсхæцджыты ныхасæппарæнтæ, зарджытæ — кæддæр ацы залы спортивон цард йæ былтæй калд. Хъазыдысты дзы баскетбол, волейболæй. Æхсгæ дæр иу дзы кодтой. Уæдæ ардыгæй зындгонд спортсментæ дæр бирæ акъахдзæф кодта. Зæгъæм, Мæхъиты Алан, “Крылья Советов“-мæ ацы спортскъолайæ ацыд. Фæлæ рæстæг цыди, залы архайын та тæссагæй тæссагдæр кодта. Цалцæгмæ бавнæлдтой апрелы. Фæсивæд арæх æрбацæуынц, куыстытæ цы къæпхæныл сты, уый фенынмæ. Ноггонд бæстыхайы байгоммæ тынг æнхъæлмæ кæсынц. Бæстыхай у 1966 азы амад. Уæдæй йæ бындуронæй никуы сцалцæг кодтой. Пъолтæ æмбийын райдыдтой, къултæ æмæ цар — хæлын. Сæхи тыхтæй йæм бæргæ базылддысты, фæлæ иу уый бирæйы фаг не сси. Цалдæр азы размæ районы администраци бæстыхайы сæр æмæ рудзгуыты хай раивта. Ныр куыстытæ егъаудæр сты — паддзахадон программæ “Уæрæсейы спорт“-ы фæлгæты. Ам, зæгъæн ис, æмæ алцыдæр ног у: къултæ, пъолтæ, рудзгуытæ, дуæрттæ, уыдонæй уæлдай, рухсы, доны системæмæ, хъармгæнæнтæ. Бæстыхайы фæзындзæн санузелтæ, раздæр æрмæст æддейæ уыдысты. Нырыккон дарæсивæн уæттæ æмæ зынгсирвæзтæй æдасдзинад дæр дзуапп дæтдзысты домæнтæн. Куыстытæ æххæстгæнæг зæгъы, нысангонд фæткæй кæй нæ иппæрд кæны архайд. Гæнæн ис, æмæ æмгъуыдæй раздæр сцæттæ уа объект. Фæсивæды тренировкæтæ нæ баурæдтой. 2022-æм азы цы комплекс сарæзтой, уым архайынц. Ныртæккæ сæхи радон ерыстæм цæттæ кæнынц. Фыццаг бынæттæ арæх райсынц. Æнæмæнг сæм хорз фидæн æнхъæлмæ кæсы. Уæлахизмæ тырнынмæ та сын æппæт уавæртæ дæр уыдзæн тагъд рæстæджы. Сæхи залмæ хъуамæ æрбаздæхой ноябры.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later