Myvideo

Guest

Login

Дзуджыхъуы ацыд республикон чемпионат мас-рестлингй

Uploaded By: Myvideo
4 views
0
0 votes
0

Цæгат Ирыстоны ацыд мас-рестлингæй чемпионат. Æдæппæтæй дзы архайдтой 200 спортсмены, 12-æй 21 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Сæ кармæ гæсгæ сæ адих кодтой 4 къордыл. Хуыздæрты фæнысан кодтой майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй. Дзуццаты Цæрай мас-рестлингимæ базонгæ Алагиры хъæды хæдзарады техникумы ахуыргæнгæйæ. Гæнæн ын фæзынд ерысты бацархайынæн. Æмæ кæд Цæрай йæ цард фылдæр бæтты футболимæ, уый фæдыл каст фæцис футболон академи «Алани» дæр, уæддæр ын мас-рестлинг ссис уарзон. Фæнды йæ ацы спорты хуызы æнтыстджын суæвын дунеон æмвæзадыл. Уæдæ Зассеты Сослан та мас-рестлингы йæхи ныр афæдзы дæргъы фæлвары. Ацы спорты хуызæй уæлдай-ма йæ цымыдис кæны бокс дæр. Уым дæр йæхи хорз æвдисы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæхицæн ныв кæны рæсугъд спортивон фидæн, æмæ йæм тырны. Тренировкæты фæлгæты зындзинæдтимæ дæр сæмбæлы. Къуыри æртæ хатты дыгай сахæттæ тренировкæтæ. Дыууæ лæппуйæн дæр мас-рестлингы сусæгдзинæдтæ æмбарын кæны фæлтæрдджын тренер Кадзты Зитæ. Уæвгæ, сæ зондамонæг сын бахъуаджы рæстæг ныфсы ныхæстæй се уæнгты уæлдай тых дæр бауадзы. Республикæйы ерысты Цæрай æмæ Сослан фыццаг бынæттæ бацахстой, сæ уæз 70 килограммы онг кæмæн у, уыцы спортсменты 'хсæн. Æдæппæтæй ерысты архайдтой 200 спортсменмæ хæстæг 12 азæй 21 азы онг. Сæ кармæ гæсгæ сæ адих кодтой 4 къордыл. Уымæй уæлдай-ма ацы спорты хуызæй ацыд республикон чемпионат хистæр кары-18 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы спортсенты 'хсæн дæр. Æмæ кæд фæсивæд ерысты хорз бæрæггæнтæ равдыстой, уæддæр дарддæр дæр сæхиуыл кусдзысты, тренировкæтæ кæндзысты. Фыццаг дыууæ бынаты цы призертæ бацархайдтой, уыдон сентябры архайдзысты Уæрæсейы чемпионаты. Фæлæ ныр дæр фидарæй зæгъæн ис, Ирыстоны кад бæрзонд кæй сисдзысты, уый. _________________________ Мы рядом в:

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later