Myvideo

Guest

Login

Беслны 1-м скъолайы ацыд Мысн бон

Uploaded By: Myvideo
200 views
0
0 votes
0

Нæ фыццаг ахуыргæнæг æмæ дыккаг мад. Ахæм ахастдзинад ахуырдзаутæм уыд Ханайты Иринæмæ. Скъоламæ ’рбацыд 20-аздзыдæй. Сывæллæтты ахуыр кодта æнусы æмбисæй фылдæр. Йæ алы урокмæ дæр-иу ын æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты. Афтæ фæзæгъынц адæймаг, дам, йæ царды иу бæлас куы ныссадзы, уæд дзæгъæлы нæ фæцард. Ханайты Иринæ сывæллæтты рæзтмæ æмæ ахуырадмæ цы æвæрæн бахаста, уымæн зын у аргъ скæнын. Схъомыл кодта бирæ фæлтæртæ. Кæддæриддæр йæ ахуыргæнинæгты фарсмæ, куырыхон хистæр æмæ зондамонæг. Йæ рухс ном ссарынмæ æрбацыдысты дæсгай ахуырдзауы. 1-æм сентябрь 2004-æм аз. Уыцы бон Ханайты Иринæ сывæллæттæн бацæттæ кодта алыхуызон конкурстæ. Зонындзинæдты боныл се ’ппæт дæр цин кодтой. Фæлæ бæрæгбон æвиппайды аскъуыд. Мидбылхудт æмæ циндзинад та цæссыгтæй раивтой. Ханайты Иринæ йæхæдæг фæцæф, фæлæ уæддæр æххуыс кодта сывæллæтты ирвæзын кæнынæн. Срæмыгъды фæстæ йæ къах атахт, фæлæ афтæмæй дæр сылгоймаджы тых нæ басаст. Йæ уæрджытыл слæууыд, цæмæй сабитæ йæ сæрты хизой рудзынгæй. Йæхæдæг баззад скъолайы, фæлæ фервæзын кодта 30 сывæллонæй фылдæр. Теракты фæмард 18 ахуыргæнæджы. Иууылдæр сæххæст кодтой сæ хæс — хъахъхъæдтой æмæ ирвæзын кодтой ахуырдзауты. Равдыстой фидар удыхъæд æмæ ныфс. Сæ нæмттæ кæддæриддæр уыдзысты адæмы зæрдæты. Рохуаты никуы баззайдзысты. Дунейы æбуалгъдæр террористон акттæй иуыл рацыд ссæдз азы. Терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-патриотон центры аразынц мысæн мадзæлттæ. Музейы радзурдзысты фыдгæнджыты къухæй чи фæмард, уыдонæй алкæй тыххæй дæр.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later