Myvideo

Guest

Login

Таутиаты Солманы райгуырды 150 азы фдыл мысн изр

Uploaded By: Myvideo
3 views
0
0 votes
0

Таутиаты Солæманы райгуырды 150 азы фæдыл мысæн изæр. Йæ арæзт удæгас фæлгонцтæ нымад сты æмæ уыдзысты ирон театралон аивады тæккæ стырдæр æнтыстытыл. Уыдон театры историмæ бацыдысты куыд æппæты æххæстдæр, аивдæр æмæ идейондæр сурæттæ - Хъылцыхъо Брытъиаты Е.«Дыууæ хойæ», Хазби - Брытъиаты Е. «Хазби»-йы, Дочче «Бæтæйы фырттæй», Хæсанæ Мамсыраты Д. «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæ, Дундич, Костя, Амыран, Къоста, Дон Гуан ... Ӕнӕкӕрон тых ӕмӕ дӕсныдзинад уыд Цæгат Ирыстоны фыццаг адæмон артист, Ленины ордены кавалер, Ирон театралон аивады бындурæвæрджытæн сæ тæккæ курдиатджындæртæй иу, театры фидауц, йæ æрттивгæ стъалы Таутиаты Солӕманӕн. ️ Кæд æдæппæтæй 37 азы йеддæмæ нæ рацард Солæман, уæддæр, раст, цыма, йæ сæдæ азы сæрты акаст, уыйау нæй кæрон йæ номыл мысинæгтæн, йӕ рухс ном цæры æмæ цæрдзæн йæ конд сурæтты, театрдзауты зæрдæйы æмæ Ирыстоны аивады историйы. Кæсут 22-æм февралы 19:20 Источник: IrystonTV

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later