Myvideo

Guest

Login

мбалы зрд

Uploaded By: Myvideo
11 views
0
0 votes
0

ÆМБАЛЫ ЗÆРДÆ Чеджемты Æхсары ныхæстæ. Цопбойты Валодяйы музыкæ. Амондджын уый у, уый хонынц хъал, Царды кæмæн ис уарзон æмбал. Æмбалы зæрдæ — рухс хурæй конд, Уалдзæгау — райдзаст, арвау бæрзонд. Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд! Хорз æмбал не скæндзæн маст, Нæ асайдзæн никуы йæ ард. Зæрдæтæм чи хæссы уарзт, Ахæмтæ рухс кæнынц цард. Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд! Иунæг æлгъыст у, иунæг — мæгуыр, Иунæджы артдзæст — заууат быдыр. Никæй хъæуынц йæ цин, йæ рис. Æмбалы зæрдæ — царды æмбис, Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд! Бæлæстæн хъæды сонт дымгæ циу?! Бæлæстæ — бирæ, дымгæ та — иу! Æмбæлтты фарнæй хох дæр нæры, Æмбæлтты фарсмæ амонд цæры. Æмбалы хорзæх у’ алкæй дæр уæд!

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later