Myvideo

Guest

Login

Ракс!... (Къостайы мдзвгйыл зарг)

Uploaded By: Myvideo
10 views
0
0 votes
0

Дулаты З. РАКÆС!.. ВЗГЛЯНИ!.. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, Нæ зонын мæ мады рæвдыд, Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй. Кæмдæрты æнæсæронæй, Æдыхæй, æцæгæлонæй, Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй... Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр Фæстæмæ мæ иунæджы сæр Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм... Мæ цæстысыг донау мызти, Мæ зæрдæ фырцинæй рызти,– Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм. Æрцыддæн... Мæхицæй фыддæр Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр, Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!.. Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй,– Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!.. Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм, Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм, Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? – Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй... Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later