Бадола - Альбина и Фати Царикаевы слова и музыка: Альбины Царикаевой дигорский текст: Хъиамæтгун лæг е ’фхæлд къохтæй Æ зæронд уæргутæ æрсæрфта. Исуст хъуртæй, уарзгæ дзурдæй Баба бæдолæмæ фæдздзурдта: {«Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’».} x2 Базард: {Дзай-дзай, дзæкъолæ, Бабай бæдолæ. Гæпп-гæпп, гæбола, Мæнкъæй бæдолæ.} x2 Сувæллони фудаг кæнгæй, Гъæуай кодта зæронд лæг æй. Бацеу-бацеутæ имисгæй, Бæдолæбæл цийнæ кæнгæй. {Рауай’, мæ тикис, рауай’, мæ зæрдæ, Бабайæн æ царди хори тун’.} x2 {Базард.} x2 ----------------------- иронский текст: Хъиамæтджын лæг йе ’фхæлд къухтæй Йæ зæронд уæрджытæ æрсæрфта. Сыст хъуыртæй, уарзгæ дзырдæй Баба бæдулмæ фæдзырдта: «Рауай, мæ гæды, рауай, мæ зæрдæ, Бабайæн йæ царды хуры тын». Базард: Дзай-дзай, дзæкъул, Бабайы бæдул. Гæпп-гæпп, гæбул, Гыццыл бæдул. Сывæллоны фыдуаг кæнгæй, Хъахъхъæдта зæронд лæгæй. Уыци-уыцитæ мысгæй, Бæдулыл цин кæнгæй. ------------------------------ Русский перевод (дословный) Трудяга-мужик своими истёртыми руками Свои старые колени потёр. Иссохшим горлом, любящими словами Дед дитю говорит: «Подойди, мой котик, подойди, моё сердце, Для деда его жизни луч солнца». Припев: Качай-качай, мешочек, Дедово дитятко. Прыг-скок, малыш, Маленький дитятко. Ребёнка балуя, Оберегал, как старик. Загадки вспоминая, Дитя радуя. ¯¯¯ Словник детских слов · Дзай-дзай — качание на руках у взрослого, · Дзæкъолæ — мешочек, комочек, котомка, · Баба — старший мужчина, дед, · Бæдолæ — детёныш, · Гæпп-гæпп — прыг-скок, · Гæбола — малыш, · Мæнкъæй — маленький.
Hide player controls
Hide resume playing