Myvideo

Guest

Login

Ахм хабртт// 2024/ 5 января

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Цæгат Ирыстоны æрыгон мадæлтæн райдыдтой иухаттон фиддонтæ дæттын. Абон фæйнæ 50 мин сомы снысан кодтой 25 азы онг кæуыл цæуы, дыууæ ахæм сылгоймагæн. Социалон æххуысы фæдыл сæрмагонд уынаффæ рахаста Сергей Меняйло. Мадæлон æвзаг уарзын кæнын - сæйраг æмæ ахсджиаг хæс. Журнал “Ногдзау“ æмæ модельер Уататы Зæринæ сæ архайдæй æххæст кæнынц хъæугæ куыст. Литературон конкурсы уæлахиздзаутæн цавæр аргъ скодтой, уый тыххæй нæ равдысты æрмæг. Нарты кадджытæ комиксты хуызы сцымыдис кодтой се 'ппæты дæр. Уæлдайдæр та фæсивæды. Ныр сæ бакæсын кæй фæнды, уыдоны нымæц фылдæр кæндзæн. Сæрмагонд проекты фæлгæты Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ уазджытæ сæ райстой лæвары хуызы. _________________________ Мы рядом в:

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later