Дзæуджыхъæуы фæрсты цæуæг фæндаджы арæзтады дыккаг æмæ æртыккаг къæпхæнтæн æххæстгонд æрцыд сæ 70%. Сæ арæзтад у бæстæйы фæндаггон-транспортон комплексы райрæзты раззагдæр здæхт. Ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ сты æртыккаг ахсджиаг транспортон уаццаджы бындур æвæрыны куыстытæ Мæскуыйаг шоссейы цур. Специалисттæ сарæзтой 9 сыгъдæггæны. Сæрмагондæй автомобилон фæндæгтæй дон кæдæм цæуа, ахæмтæ. Цæхæрадæтты æмхæларадтæ “Учитель“, “Дарьял“ æмæ “Надежда“-йы цур та сараздзысты тротуратимæ ацæуæнтæ Мæскуыйаг шоссейы цыды æмрæнхъ. Цæрæн хæдзæртты цур та сараздзысты хæдтулгæты уынæр уромæг 3 километры дæргъæн къул. Ахæм конструкциты ’руаджы фæндæгтæм хæстæг чи цæры, уыцы адæмы цард хъыгдæрд нæ цæуы.
Hide player controls
Hide resume playing