Myvideo

Guest

Login

Цгат Ирыстоны кусынц армукъат ногазон бргбттм

Uploaded By: Myvideo
343 views
0
0 votes
0

Ног азмæ къуыри йедтæмæ нал хъæуы. Заз сфæлындын кæй фæнды, уый хъуамæ фæстиат мауал кæна. Дзæуджыхъæуы алыхуызон хихджынтæ дæр ис. Канадæйæ — наз, Данийæ — соцъи, Хъырымæй — нæзы. Суанг уалдзæгмæ дæр цъæхæй фæлæудзæн, фæлæ йæ аргъ дæр ахæм у — 5 мин сомæй уæлæмæ. Хæрзхъæддзинады æууæлтæй ма иу — писи. Хъуамæ къухтыл æндæдза. Судзинтæй куы ратонай, уæд хъуамæ фындзыл хæрздæф амбæла. Бæласы аргъ аразгæ у йæ хуыз, ас æмæ рæсугъддзинадæй. Стæй гыццылдæртæ асламдæр сты æмæ уыдон тагъддæр ауæй вæййынц. Плиты Марат зазтæ 20 азæй фылæр уæй кæны. Цæмæй хихджын цъæхæй фылдæр фæлæууа, уый тыххæй амынддзинæдтæ йæ алы æлхæнæгæн дæр ратты. Уазалæй йæ хъарм агъуыстмæ хæссæн нæй. Зæгъæм, тыргъыл уал æй æрæвæр. Уый фæстæ доны куы алæууа, уæд дæр æй ницы бахъыгдардзæн. Къалиутыл дон пырх кæнын дæр пайда у æнусонцъæх бæласæн, фæлæ арæхстгай — гирляндæ ма ныххуылыдз уа. Бирæтæ арæзт заз балхæнынц иу хатт æмæ æнæмæт вæййынц цалдæр азы, фæлæ дзы æцæгæн уæддæр æмбал нæй. Уæдæ æнæхъазæнтæй дæр не сфидаудзæн заз. Ногазон армукъаты цыфæндыхуызон фæлындæнтæ дæр ис, адæймаджы раст аргъæутты дунемæ ахонынц. Ахæм фæзуатыл æрмæст атезгъо кæнын дæр æхсызгон у æмæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ уыцы цинæй сæхи нæ фæцух кæнынц. Ног азы армукъатæ кусынц æрвылбон райсомы дæсæй изæры аст сахатмæ. Гом уыдзысты суанг 31 декабры онг. Уæйгæнджытæ цин кæнынц — ацы аз базарад æнтыстджын у. Уый фæдыл заз балхæнын кæй фæнды, уый фæлтау фæстиат ма кæнæд.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later